ЦХИНВАЛ (исполнитель: Харебаты Вадим æмæ «Бонвæрнон»)
Ансамбль «Бонвæрнон» Зарæггæнæг — Харебаты Вадим ЦХИНВАЛ Абоны бонæй фæдзæхсын æз дæу, о Ирыстон, Абоны бонæй рæсугъд уæд дæ адæмы ныфс, Абон Сæрибар æрцыдис нæ зæхмæ, Ирыстон, Цæй ныззарæм хъæрæй! Цæй æркафæм, уæллæй! Адæмæн радтут уæ зæрдæ, радтут нæ амонд! Бауарзæд алчи æмгары, æфсымæры, цæй! Фидaр уыдзæнис нæ бæстæ, рæсугъд уæд йæ амонд! Зарæг арвмæ тæхæд! Зарæг арвмæ тæхæд! ’Рымысæм абон не ’взонг хъæбулты, хъайтарты! Чи радта Ирæн сæ зæрдæтæ, чи кодта тох! Баззайæд кадæн æнусты сæ хъаруджын нæмттæ! Æмæ макуы уæд рох! Æмæ макуы уæд рох! Рафтыдта дидинау абон нæ уарзон Ирыстон! Фидар фæлæууæд нæ горæт – нæ уарзон Цхинвал! Рухсмæ бæллæм æмæ байрæзæд Иры ныфс тагъддæр! Зарæг арвмæ тæхæд! Зарæг арвмæ тæхæд! (2 хатты)