Баелцон (исполнитель: гр. Хурзарин)
Бæлццонæн «фæндараст» зæгъын æмбæлы, Фæлæ ныййарæгæн æнцон нæ вæййы, {Фæндараст мæ хъæбул, фатау дæ фæндаг, Фатау дæ фæндаг, бинонты фæндиаг.} x2 Макуы мын фæцуд, фæраз фæндагæй, Макуы мын æрхæсс дæ сæр æгадæй, {Дæ чысыл хуртæ дæумæ куы кæсынц, Сæ рæзгæ удтæ дæуыл фæдзæхсынц.} x2 Мигъ бон куы цæуай айнæг фæндагыл, Дæхи-иу бафæдзæхс адæмы фарныл, {Хистæрты ныхас дæ зæрдыл бадар, Æмæ дын фæндагыл уыдзæн цырагъдар.} x2 Мадæн фæзæгъы йæ буц хъæбул дæр, Ма мæм æхсайæд дæ зæрдæ мур дæр, {Мæ сæр мæ куысты бæрзæндты хæссын, Мæ развæндагмæ уариау кæсын.} x2 Мæ æнцон бæхыл мæ зæрдæ дарын, Кады бæрзæндтæм уыимæ скъæрын, {Йæ цæхæр зæрдæ мæ къухты бар у, Йæ тилгæ къахтæ дымгæйæн ’мбар у.} x2 Бæлццонæн фæндараст зæгъын æмбæлы, Фæлæ ныййарæгæн æнцон нæ вæййы, {Фæндараст мæ хъæбул, фатау дæ фæндаг, Фатау дæ фæндаг, де ’мбæлтты фæндиаг.} x2