Донайы хæсты хабар (исполнитель: Дзанайты Цъæхлæг)

Лæппуты дзæбæхтæ Донаймæ фæцæуынц,
Сæ уарзон чызджытæ сæ фæстæ куы кæсынц...
Ныййарæг мадæлтæ цæстыссыг куы калынц.
Фæндараст, фæндараст, иумæ сын куы зæгъынц!

Æрджынарæгæй ма уæд иу каст фæкæнынц,
Тæтæртуппыл сæ мадæлтæ фæдзæхсынц,
Сæмбæлут дзæбæхæй, сæмбæлут фæзæгъынц,
Уæ фæстæ фæндыртæ уæ зарæг фæцæгъдынц!

Уæ нывондæгтæ хизынмæ куы цæуынц,
Уыдон сымахмæ æнхъæлмæ куы кæсынц,
Сæмбæлут дзæбæхæй иууыл хæдзармæ!
Мах рацæудзыстæм хуынтимæ уæ размæ!

Чызджыты дзæбæхтæ æнхъæлмæ куы кæсынц,
Уыдон уе 'рцыдмæ цæттæтæ куы кæнынц,
Уæ нывондæгтæй уын куывдтæ уæд кæндзыстæм!
Заргæйæ, кафгæйæ уæд иумæ цæрдзыстæм!
Послушать/Cкачать эту песню
Mp3 320kbps на стороннем сайте

Открытка с текстом :
Удобно отправить или распечатать
Создать открытку
У нас недавно искали песни:
Империя лето  Gavroche - Little People Les Miserables  Czar - ex friends  Inugami Circus-dan  Молодая кровь тимати  Тбили - пусто тут  Кушать подано Джентельмены подачи  Xia junsu 
О чем песня
Дзанайты Цъæхлæг - Донайы хæсты хабар?
2020 © Tekstovoi.Ru Тексты песен