О, УЫЦЫ ДЫУУÆ САУ ЦÆСТЫ (исполнитель: Гаглойты Станислав)

Ныхæстæ ныффыссæг – Дзугаты Георги
Композитор – Æлборты Феликс

Зары  Гаглойты С.

О, УЫЦЫ ДЫУУÆ САУ ЦÆСТЫ
(ирон романс)
 
О, уыцы дыууæ сау цæсты,
Мæ тæригъæдæй бастъæлат!
Цæмæн бахаудтæн у‘ ахæсты,
Цæмæн базыдтон уарзты ад?

Уæ иу фæкастæй атайын,
Хуссары митау, хуссары.
Бæргæ уæ рохыл архайын,
Фæлæ уыйбæрц тых чи ссары!

Мидбыл худгæ мыл атыхсут
Хъызтзымæджы дæр, уалдзæгау.
Зæрдæйы фатау аныхсут
Æмæ фæвæййын уадзыгау.

Мауал мæм кæсут, ма кæнут,
Мауал мæ судзут алы бон!
Уæд та мæ иу сыгъд бакæнут
Æмæ уæ искуы фервæзон!
Послушать/Cкачать эту песню
Mp3 320kbps на стороннем сайте

Открытка с текстом :
Удобно отправить или распечатать
Создать открытку
У нас недавно искали песни:
Смерть награда  Higurashi no Naku Koro ni When they cry  А ты обыкновенная  INcity - Я улечу  Aliev - Не вернусь  Адо Музыка  Fever Original Joachim Pastor 
О чем песня
Гаглойты Станислав - О, УЫЦЫ ДЫУУÆ САУ ЦÆСТЫ?
2020 © Tekstovoi.Ru Тексты песен