Къуайсайы зарæг (исполнитель: Хор "Ирæттæ размæ")
Райсомæй сæуæхсид худгæйæ скаст, Хуры тын сæрттывтæ урс хæхты сæр – Уый та нын рæвдауы нæхи Квайсайы, Джоджора комы нын кæны сæр-сæр. Базард: Комы нарæг, номы зарæг Уæларвмæ систа, ей. Ой уæрæйдæ, хæхты зæрдæ – Нæ уарзон Квайса, ей. ☺ Махæн Квайса бæрзонд у, Махæн Квайса рæсугъд у, Махæн Квайса бæркад у, Махæн Квайса нæ кад у. ☺ (2 хатты) Стыр хæхтæн сæ риутыл хæзнатæ вæрд, Квайса-хох фестад сызгъæрины кар, Шахтерты фæллой – йæ алыварс нæ фидæн, Райгуырæн бастæйы æмзæрди сыстæм. Базард. Райсомæй сæуæхсид худгæйæ скаст, Хуры тын сæрттывтæ урс хæхты сæр – Уый та нын рæвдауы нæхи Квайсайы, Джоджора комы нын кæны сæр-сæр. Базард.