Уастырджи (исполнитель: Бибо Ватаев)
Гъей-гъой, Хетæджы тæхгæ-нæргæ сызгъæрин Уастырджи, табу Дæхицæн! Дæумæ кувæм, Уастырджи, Дæуæй курæм, сызгъæрин Уастырджи! Байрагæй бæхгæнæг, лæппуйæ лæггæнæг Уастырджи, табу Дæхицæн! Нæ кæстæртæ дe уазæг, Уастырджи, табу Дæхицæн, сызгъæрин Уастырджи! Айс æй, аназ æй, ахуыпп æй кæн! Айс æй, аназ æй! Фæрнæджы мигæнæн равдæлон кæн! Айс æй, аназ æй! Æз хохмæ фæцыдтæн Зæрæмæджы тыххæй! Айс æй, аназ æй! Иу ма дзы баназ дæ зæнæджы тыххæй! Айс æй, аназ æй!