Цаейдон (исполнитель: Владимир Баллаев)
Сау хохæй сызгъæрин хур æркаст, Комы стынг Цъæйдоны хивæнд хъазт. ♫Фесхъиуынц йæ уылæнтæ нæргæ, Цъæйдон – Цъæйы комы зæрдæ.♫ (2 хатты) О, Цъæйдон, кæсын та дæм, кæсын, Демæ мæ æрфæндыди тæхын. ♫Айсæфти мæ рыст уæнгты фæллад, Цæйдон, дæ базыртæ мын ратт.♫ (2 хатты) Амонд мæм Цъæйы коммæ æрцыд, Рухс хурау йæ конд æмæ йæ уынд. ♫Хорз чызгыл сæрæн дзурæг хъæуы, Цъæйдон, мæ минæвар фæуыд.♫ (2 хатты) Сау хохæй сызгъæрин хур æркаст, Уый хур нæу, уый у мæ судзгæ уарзт. ♫Æмæ мын мæ зарæджы хъæлæс, Цъæйдон, рæсугъд чызгмæ фæхæсс.♫ (2 хатты) Сау хохæй сызгъæрин хур æркаст, Комы стынг Цъæйдоны хивæнд хъазт. ♫Фесхъиуынц йæ уылæнтæ нæргæ, Цъæйдон – Цъæйы комы зæрдæ.♫ (2 хатты)