Судзут мæ цæсытæ (исполнитель: Ахсар Джигкаев)
«Судзут мæ цæстытæ» (Музыка Ахсара Джигкаева, слова Исидора Козаева) Судзут мæ цæстытæ, судзут, Зæрдæйæ исут цæхæр, Адæммæ уарзонæй худут Доны куы зилат, уæддæр. Зæрдæйæн фестут кæсæнтæ, Дзыллæ уæ феной æргом, Масты уын доны лæсæнтæ, Цинты уын уалдзыгон бон. Зæгъгæ мыл абон æрмæйдар — Мисхал дæр не 'ркæнин мæт. Исты кæнин æз къуырмæй дæр: Мæ Ирыстон хурæфсæст уæд. Судзут мæ цæстытæ, судзут, Зæрдæйæ исут цæхæр, Адæммæ уарзонæй худут Доны куы зилат, уæддæр. Райсин уæ дунейы уæрцы, Фæлæ уæ раттин лæвар — Уадз æмæ минтæм уæ фæрцы Ма уа сæ цæстырухс тар.