Ма ныл сис, Бæрзонд Хуыцау, дæ къух (исполнитель: Диана Чочиева)
Музыка Ирины Кокойты, стихи Людмилы Галавановой Знæт денджызау абухы мæ зæрдæ, Хи удау Ирыстонæн тæрсын. Иры зынг хуыссын кæнынмæ хъавынц, — Мауал уа йæ бон зæххыл цæуын. Тохты нæ цы кæстæртæ фæмарди, Уыдонæй æфсæрмы кæнын æз. Равдыстой фыды зæххыл лæгдзинад, Се ’взонг удтæй бафыстой сæ хæс. Хъарджытæ мæ Иры къуымтæй хъуысы, Зæрдæ мастæй риуы нал цæуы. О мæ Ир, цы дын саразон хорзæй? — Зонын уарзын æмæ ма кæуын. Маст нæ сæртæй акалди, ивылы, Зилынц доны цæстытæ æдзух. Бафæллад и сау мастæй мæ зæрдæ, Ма ныл сис, Бæрзонд Хуыцау, дæ къух.