Бадола (исполнитель: Альбина Царикаева & Фати Царикаева)
Хъиамæтгун лæг е ’фхæлд къохтæй Æ зæронд уæргутæ æрсæрфта. Исуст хъуртæй, уарзгæ дзурдæй Баба бæдолæмæ фæдздзурдта: {«Рауай’, мæ тикис, рауай’, мæ зæрдæ, Бабайæн æ царди хори тун’».} x2 Базард: {Дзай-дзай, дзæкъолæ, Бабай бæдолæ. Гæпп-гæпп, гæбола, Мæнкъæй бæдолæ.} x2 Сувæллони фудаг кæнгæй, Гъæуай кодта зæронд лæгæй. Бацеу-бацеутæ имисгæй Бæдолæбæл цийнæ кæнгæй. {Рауай’, мæ тикис, рауай’, мæ зæрдæ, Бабайæн æ царди хори тун’.} x2 {Базард.} x2 Рацагъд. {Рауай’, мæ тикис, рауай’, мæ зæрдæ, Бабайæн æ царди хори тун’.} x2 {Базард.} x4