газданты авд афсымары зараг (исполнитель: осетинская героическая песня)
«Тохмæ, тохмæ, Германы хæстмæ!» Райгуырæн зæхх сидт йæ хъæбултæм. Уæд Гæздæнты авд æфсымæры Хастой цардæн кад. Мад: «О, мæ хъæбултæ! О, мæ авд хуры! Мады зæрдæ уæ судзгæ агуры. Иу уæ нал æрцыд тохы быдырæй, Нал дæр уæнгцухæй, Нал дæр сау куырмæй... Иу уæ нал загъта: «О, мæ ныййарæг!» Нал æрыздæхтис Авдæй иу дарæг...» «Тохмæ, тохмæ, Германы хæстмæ!» Райгуырæн зæхх сидт йæ хъæбултæм. Уæд Гæздæнты авд æфсымæры Хастой цардæн кад.