(хор) (исполнитель: Гимн Северной Осетии)
Зæрин хур йæ нывæнды фæлмæн Нæ фыдæлты рагон уæзæгыл рæдауæй... Арвы бын калы, фæрдыгау, тæмæн Ирыстон йæ адæмты фарнæй. Заманты тарæй æрттивы, зынгау, Дæ уидаг — нæ Ивгъуыд, нæ Абон, нæ Фидæн... Барвæсс нæ куывдыл, Хуыцæутты Хуыцау! Уастырджи, рафæлгæс, табу — Дæхицæн! БАЗАРД: Кад æмæ радимæ фидæнмæ кæс! Амондæй абузæд, ронгау, дæ цард! Амонд, мысайнагау, фидæнма хæсс! Дæ кæстæр дын басгуыхæд кард æмæ уарт! II Фæлтæрæй-фæлтæрмæ фæцæуæд дæ фарн! Рын æмæ сонæй дæ хизæд хъысмæт! Хистæры намыс, кæстæры æхсар! Хурау дын царды цырагъдарæг уæнт! БАЗАРД: Кад æмæ радимæ фидæнмæ кæс! Фарнимæ абузæд, ронгау, дæ цард! Амонд, мысайнагæy адæмтæн хæсс! Уастырджи, рафæлæс! Табу — Дæхицæн!