Дæ зынг ахуысса, сау рæсугъд… (исполнитель: Казбек Суанов)
Дæ зынг ахуысса, сау рæсугъд, Куы мæ бафтыдтай катайы, гъей. Дæ иу бакастай, сауæрфыг, Хуссары митау атайын, гъей. Калачы идон балхæдтон — Гуры мын дзыллæ разынди, гъей. Чызгайæ мæхи хъахъхъæдтон, Уый та мын уарзон разынди, гъей. Ма мыл фæхудут, хорз адæм, Ма мыл ыскæнут зарджытæ, гъей. Зæгъут-ма уыцы æррайæн: «Æрбарвит æд фидауджытæ», гъей. Цæгатаг рæбын уазал у — Æппынæдзух дзы салд вæййы, гъей. Чызгай, фыр уарзтæй атайын — Æлхуыйы йас дæр нал вæййын, гъей. Сусхъæдæй бандон сарæзтон, Æмæ мын уый дæр басыгъдтой, гъей. Сусæгæй уарзон равзæрстон, Æмæ мын уый дæр базыдтой, гъей. Уалдзыгон къæвда донласт у, Æдзухдæр æм нæрын цæуы, гъей. Чызджы зæрдæ бынтон саст у, Æдзухдæр æм кæуын цæуы, гъей. Слова и музыка народные «Музыкальная культура осетин» © 2012 [bad word] ossmus ¯¯\/¯¯¯¯¯¯¯¯¯ ☻/ /▌ / \