Ихджын суадон (исполнитель: Тимур Хацаев)
Ихджын дæ, ихджын суадон, Дæ былтыл цæуын нæу мæ бон. {Уарзын дæ, уарзын, мæ уарзон, Дæу ферох кæнын нæу мæ бон.} x2 Цы доны цæугæ ныууагътон, Уый мын фæйлауын куы хъуыди. {Цы чызджы кæугæ ныууагътон, Уый мын рæвдауын куы хъуыди.} x2 Дон-дон дæр бирæ фæцыдтæн, Донæй рæсугъддæр не ссардтон. {Усгур дæр бирæ фæцыдтæн, Дæуæй рæсугъддæр не ссардтон.} x2 Тæхуды, уымæн йæ къона, Йæ кæрты суадон кæмæн ис. {Тæхуды, уымæн йæ къона, Йæ фарсмæ уарзон кæмæн ис.} x2 Урс доны былыл сау фæрдыг, Бирæ дзы уымæн банызтон. {Урс дæллагхъуыр дæ, сауæрфыг, Бирæ дæ уымæн бауæрзтон.} x2 Уалдзыгон къæвда донласт у, Æдзух дæр æм нæрын цæуы. {Чызгæййы зæрдæ уæнгсаст у, Æдзух дæр æм кæуын цæуы.} x2 Ихджын дæ, ихджын суадон, Дæ былтыл цæуын нæу мæ бон. {Уарзын дæ, уарзын, мæ уарзон, Дæу ферох кæнын нæу мæ бон.} x2 Слова и музыка народные «Музыкальная культура осетин» © 2012 [bad word] ossmus ¯¯\/¯¯¯¯¯¯¯¯¯ ☻/ /▌ / \