Иу изар куы на фенай да уарзоны (исполнитель: Суанов Ким)
Иу изæр куы нæ фенай дæ уарзоны,- Æхсæв дæм фæкæсдзæнис æнус. Дард балцы куы цæуа, уый куы базонай,- Атайдзæн дæ сау цæстыты рухс. Урс бæрз бæлас цады былыл мæйрухсы Къулсæрæй зыд уылæнтæм кæсы... Искуы мын куы бауарзай æндæры ды, О мӕ бон уымӕй дын тӕрсын! О мæ зæрдæ ма райхал дæ карз фæндтæ,- Сусæг удхар раппæлинаг нæу. О, фæлтау куы нæ уаиккой уарзæттæ, О, фæлтау куы нæ федтаин дæу. (Гаджиты Георги)