Отсутствует (исполнитель: Неизвестен)
1-аг æрзард: Ци дзæбæх фæууй сæрдигон изæр! Цъæх арви реубæл æстъалутæ, Ку иссодзунцæ арти цæхæрау Зæрдæ бародхс уй сæ тæмæнтæй. Фалæ йæй! Дæ сау цæститæн сæ еу фæккæсти, Кæмæ фæккæнис дæ каст æдзох. Кувди уа е ба, кенæ киндзхасти, Дæ сагъæстæ нæ кæнис иронх. Базард: Дæубæл æй мæ сагъæс, мæ гъуди, гъей! Дæ уарзт æй æдзох мæ зæрди, гъей! 2-аг æрзард: Тæходуй ма дин зонæ дæ зæрдæ Æма имæ иссерæ фæндаг, Уæд дин зæгъинæ мæ рæссугъд фæндтæ, Уæд дин заринæ мæ рæссугъд зар. Фалæ йæй! Æфтуйуй нур ба мæнæн мæ зæрди Дæ цæститæн сæ рæссугъд æнгас. Содзгæ урзт мæнæ мæ реуи содзуй, Ку фæккæнун дæубæл æнкъард. Базард: еу ейæ. 3-аг æрзард (кæсгонау) Мазэгъуэ жэщым псэхэр зэпещ1э, Дзапэ уэрэдым си мыгъэжей. Дуней щ1эращ1эщ бгырыс нысащ1эм. Ар зэхэзыщ1эм имы1э жей, Раууей. Мазэгъуэ жэщыр уэ къо1ущащэ Унэр и дзыхьэу шыжэр уошэс Уи пы1э щ1ыгум, мазэгъуэ дахэщ, Уи лъагъуныгъэм уэрэд схуеус Базард: (кæсгонау) Мазэгъуэ, мазэгъуэ, мазэгъуэ жэщ, Гу ныпщызмыхуэу нэху умыгъэщ Мазэгъуэ, мазэгъуэ, мазэгъуэ жэщ, Гу ныпщызмыхуэу нэху умыгъэщ 4-аг æрзард: Ци дзæбæх фæууй сæрдигон изæр! Цъæх арви реубæл æстъалутæ, Ку иссодзунцæ арти цæхæрау Зæрдæ бародхс уй сæ тæмæнтæй. Фалæ йæй! Дæ сау цæститæн сæ еу фæккæсти, Кæмæ фæккæнис дæ каст æдзох. Кувди уа е ба, кенæ киндзхасти, Дæ сагъæстæ нæ кæнис иронх. Базард: еу ейæ.