Дæ сурæт (исполнитель: Леонид Тибилов)
Мæ риуы æз дæ сурæт хастон, Хæссын æй уыцы ран ныр дæр. Кæддæр дæ судзгæ уарзтæй уарзтон, Ныр та дæ бауарзтон фылдæр. Нæ фыццаг фембæлдæй фæстæмæ Æдзух дæ уынын мæ бæллы. ☺Куы нæ дæ фенын æз хæстæгмæ - Æнкъард уæд бахæссын мæныл.☺ (2 хатты) Дæ рæсугъд цæстытæм кæсгæйæ, Нæхицæн нал арын бынат. Дæ мидбыл бахудт мæ бæлгæйæ, Мæ риуы судзы пиллон арт. Цы кæмтты бамбæхстай, цы бæсты, Кæдæм фæлыгъдтæ ды мæнæй? ☺Кæуыл мæ баууæндон, дæ фарстæн, Цы маст дæ бацыди, чызгай?☺ (2 хатты) Цæуын дæ къах фатыл æнкъардæй, Фæлæ дын нал арын дæхи. Дæ хуызмæ ма фæзынди дардæй, Нырма цы фæкæнон мæхи. Мæ риуы æз дæ сурæт хастон. Хæссын æй уыцы ран ныр дæр. ☺Кæддæр дæ судзгæ уарзтæй уарзтон, Ныр та дæ бауарзтон фылдæр.☺ (2 хатты)