Дæ зынг ахуысса, сау рæсугъд… (исполнитель: Валерий Сокуров)

Сусхъæдæй бандон сарæзтон,
Æмæ мын уый дæр басыгъдтой, гъей.
Сусæгæй уарзон равзæрстон,
Æмæ мын уый дæр базыдтой, гъей.

Уалдзыгон къæвда донласт у,
Æдзухдæр æм нæрын цæуы, гъей.
Чызджы зæрдæ бынтон саст у,
Æдзухдæр æм кæуын цæуы, гъей.

Дæ зынг ахуысса, сау рæсугъд,
Куы мæ бафтыдтай катайы, гъей.
Дæ иу бакастæй, сауæрфыг,
Хуссары митау атайын, гъей.

Калачы идон балхæдтон —
Гуры мын дзыллæ разынди, гъей.
Чызгайæ мæхи хъахъхъæдтон,
Уый та мын уарзон разынди, гъей.

Ма мыл фæхудут, хорз адæм,
Ма мыл ыскæнут зарджытæ, гъей.
Зæгъут-ма уыцы æррайæн:
«Æрбарвит æд фидауджытæ», гъей.

Цæгатаг рæбын уазал у —
Æппынæдзух дзы салд вæййы, гъей.
{Чызгай, фыр уарзтæй атайын —
Æлхуыйы йас дæр нал вæййын, гъей.} x2

Слова и музыка народные

«Музыкальная культура осетин» © 2012 [bad word] ossmus
¯¯\/¯¯¯¯¯¯¯¯¯
☻/
/▌
/ \
Послушать/Cкачать эту песню
Mp3 320kbps на стороннем сайте

Открытка с текстом :
Удобно отправить или распечатать
Создать открытку
У нас недавно искали песни:
The Shamen Omega Amigo  The Shamen Hyperreal Orbit  The Shamen Make It Mine  The Shamen Oxygen Restriction  Кофе с Дождем  Вибач  The Shamen Possible Worlds  The Shamen Progen 
О чем песня
Валерий Сокуров - Дæ зынг ахуысса, сау рæсугъд…?
2020 © Tekstovoi.Ru Тексты песен