Дон-дон (исполнитель: Роман Джихаев)
Ихджын дæ, ихджын суадон Ансамбль "ФАРН" Поет Роман Джихаев Скачать mp3 Ансамбль "ХУРЗÆРИН" Поет Шота Багаев Скачать mp3 Ихджын дæ, ихджын суадон, Дæ былтыл цæуын нæу мæ бон. ☺Уарзын дæ, уарзын, мæ уарзон, Дæу ферох кæнын нæу мæ бон.☺ (2 хатты) Цы доны цæугæ ныууагътон, Уый мын фæйлауын куы хъуыди. ☺Цы чызджы кæугæ ныууагътон, Уый мын рæвдауын куы хъуыди.☺ (2 хатты) Дон-дон дæр бирæ фæцыдтæн, Донæй рæсугъддæр не ссардтон. ☺Усгур дæр бирæ фæцыдтæн, Дæуæй рæсугъддæр не ссардтон.☺ (2 хатты) Тæхуды, уымæн йæ къона, Йæ кæрты суадон кæмæн ис. ☺Тæхуды, уымæн йæ къона, Йæ фарсмæ уарзон кæмæн и.☺ (2 хатты) Уалдзыгон къæвда донласт у, Æдзух дæр æм нæрын цæуы. ☺Чызгай, дæ зæрдæ уæнгсаст у, Æдзух дæр æм кæуын цæуы.☺ (2 хатты) Горæты фæндаг басудза, Лæг дзы цæуынæй не ‘фсæды. ☺Чызгай, дæ амонд басудза, Лæг дæм кæсынæй не ‘фсæды.☺ (2 хатты)