Искуы мын куы бауарзай æндæр чызджы – О мæ бон, гъе уымæй дын куыд тынг (исполнитель: 002 Марина хутугова - Сусаг уарзон)

Искуы мын куы бауарзай æндæр чызджы –
О мæ бон, гъе уымæй дын куыд тынг тæрсын.
Искæмæн куы райхалай дæ рухс фæндтæ,
Аскъуындзæнис уæд мæнæн мæ сонт зæрдæ. (2 хатты)

Базард:
Сусæг уарзон раппæлинаг нæу.
Сусæг уарзон адджын у цæмæн?
Бауарзтон æз ме 'намондæн дæу –
Басыгъдтай мæ сонт зæрдæ мæнæн. (2 хатты)

О, Хуыцау, ныппар ын, фаг кæй нæ куывта,
Уарзты цинæн аргъ кæнын кæй нæ зыдта.
Бафæлварон схъарм кæнын йæ салд уды.
О, Хуыцау, мæн фехъус, æз дæумæ кувын. (2 хатты)

Базард.

Ме 'намондæн бауарзтон дæу, 'вæццæгæн,
Гъе та кæд ыстыр амонд ды дæ мæнæн.
Кæд Хуыцау фæлварæнтæй бæрæг кæны,
Уымæн дæ мæ уарзты тых мæнæн дæтты. (2 хатты)

Базард.
Послушать/Cкачать эту песню
Mp3 320kbps на стороннем сайте

Открытка с текстом :
Удобно отправить или распечатать
Создать открытку
У нас недавно искали песни:
Песня цыгана Седого Бедная Настя  Frozen- Let It Go  Hoodoo voodoo  Crank it up  Cold war kids robbers  Я люблю тебя это  Kiss b  Arabian 
О чем песня
002 Марина хутугова - Сусаг уарзон - Искуы мын куы бауарзай æндæр чызджы – О мæ бон, гъе уымæй дын куыд тынг?
2020 © Tekstovoi.Ru Тексты песен