Зæрин хур йæ нывæнды фæлмæн (исполнитель: Гимн РСО-А)
Зæрин хур йæ нывæнды фæлмæн Нæ фыдæлты рагон уæзæгыл рæдауæй… Арвы бын калы, фæрдыгау, тæмæн Ирыстон йæ адæмты фарнæй. Заманты тарæй æрттивы, зынгау, Дæ уидаг — нæ Ивгъуыд, нæ Абон, нæ Фидæн… Барвæсс нæ куывдыл, Хуыцæутты Хуыцау! Уастырджи, рафæлгæс, табу — Дæхицæн! БАЗАРД: Кад æмæ радимæ фидæнмæ кæс! Амондæй абузæд, ронгау, дæ цард! Амонд, мысайнагау, фидæнма хæсс! Дæ кæстæр дын басгуыхæд кард æмæ уарт! II Фæлтæрæй-фæлтæрмæ фæцæуæд дæ фарн! Рын æмæ сонæй дæ хизæд хъысмæт! Хистæры намыс, кæстæры æхсар! Хурау дын царды цырагъдарæг уæнт! БАЗАРД: Кад æмæ радимæ фидæнмæ кæс! Фарнимæ абузæд, ронгау, дæ цард! Амонд, мысайнагаy, адæмтæн хæсс! Уастырджи, рафæлгæс! Табу — Дæхицæн!