Содзга уарзт (исполнитель: Роман Джихаев)
Фейлауй нæ хуæнхтæй думгæ, Будуртæй сатæг хæссуй, Федауй дæуæй кизгай мæ цард. Сау рæсугъд, дæу ку агорун, Сау рæсугъд, дæумæ ку дзорун, Мæ зæрдæ æдзох дæумæ бæллуй. Содзгæ уарзт мæ реуий содзуй, Содзгæ уарзт дæумæ ку дзоруй, Мæ бæллец, кæми дæ, агорон дæу? Зонис æй, дæу ке агорун, Игъосис мæ фæлмæн зард. Зонис æй, кæнун дæубал æнкъард. Сау рæсугъд, дæумæ ку дзорун, Сау рæсугъд, дæу ку агорун, Мæ зæрдæ æдзох дæумæ бæллуй. Содзгæ уарзт мæ реуий содзуй, Содзгæ уарзт дау ку агоруй, Мæ зæрдæ, кæми дæ, агорун дæу? Зумагæн а фæсте уалдзæг, Дидинæгау нейвул уй. Хорау исуодзæй дæуæн дæ каст. ☺ Зонун æй, искандзæй рæстæг – Дау хæцца мах уодзæн хæстæг, Мæ зæрдæ, исрæсугъд уодзæй цард! Райвулдзæй дон – будурдарæг, Райхъусдзæй мæргътæн сæ зарæг, Мæ бæллец, амондгун уодзæй нæ цард! ☺ (2 хатты) Райвулдзæй дон – будурдарæг, Райхъусдзæй мæргътæн сæ зарæг, Мæ бæллец, амондгун уодзæй нæ цард!