Æфсати (исполнитель: Мужской хор Северо-Осетинской)
Слова Коста Хетагурова, музыка народная Бирæйы Фæфæнды райсомæй хуыссын… Хур ыскаст нывæнды, Гъей, ой. Хур ыскаст нывæнды Хохæй хохмæ тын… Мæнæ сой! Комæй коммæ хъазгæ, Царды хос хæссы… Цард тындзы йæ размæ, Гъей, ой. Цард тындзы йæ размæ… ’Фсати ма хуыссы… Мæнæ сой! ’Фсатийæ зæронддæр Дауджытæй кæм и? – Хæхтæй дæр бæрзонддæр, Гъей, ой. Хæхтæй дæр бæрзонддæр Чи у, уый йæ фæци. Мæнæ сой! Мит лæджы Цæст сайы, – схиз æм, уæд – ныхас! – Раст йæ астæу зайы, Гъей, ой. Раст йæ астæу зайы Стыр нæзы бæлас. Мæнæ сой! «Музыкальная культура осетин» © 2012 [bad word] ossmus ¯¯\/¯¯¯¯¯¯¯¯¯ ☻/ /▌ / \