Мæ Иры фæсивæд (исполнитель: Госансамбль ЮО «Симд» (сол. Заур Парастаев))
Дирижер-хормейстер Анисим Джатиев Слова Коста Хетагурова, музыка народная в обработке Павла Битиева Мæ Иры фæсивæд! Дæ цинæй, дæ хъыгæй Фæластон мæ сау зæрдæ дард… Цы ма мын кæндзынæ? — Дæ цæстытысыгæй Æнæ хай фæуыдзæн мæ мард!.. Æцæгæлон адæм, æцæгæлон бæстæ Æхсныфæй нуазынц мæ туг… Мæлæтæй нæ тæрсын, фæлæ мын мæ фæстæ, Мæ уæлмæрдмæ чи хæсдзæн суг? Кæй чызг мыл ыскæндзæн зæрдæхалæн хъарæг, Кæй кæуынæй риздзæн къæдзæх, Кæй фæндыр ысцæгъддзæн мæ иунæджы зарæг, Чи уадздзæн мæ дугъы йæ бæх? Мæ Иры фæсивæд! Дæ цинæй, дæ хъыгæй Фæластон мæ сау зæрдæ дард… Цы ма мын кæндзынæ? Дæ цæстытысыгæй Æнæхай фæкодтон мæ мард!.. МУЗЫКАЛЬНАЯ КУЛЬТУРА ОСЕТИН [bad word] ossmus ¯¯\/¯¯¯¯¯¯¯¯¯ ☻/ /▌ / \