Сидзаргас / Мать сирот (исполнитель: Хурзарин)
ХЕТÆГКАТЫ КЪОСТА ИРОН ФÆНДЫР Сидзаргас / Мать сирот Халон баргъæвст сындзыл. Уад тымыгъ хæссы... Сау айнæджы рындзыл Нарыхъæу хуыссы... Даргъ æхсæв фыдбонæй Цардудæн хуыздæр... Рухс цæуы кæронæй, – Бадынц ма кæмдæр. Ма дис кæ йæ бадтыл! – Цуайнаджы уæлхъус Архайы йæ артыл Иу саударæг ус. Припев: ▬▬▬▬▬▬▬▬▬▬ Артдзæсты кæрæтты, Фæныкмæ æнгом Бадынц сывæллæттæ, – Чи бæгънæг, чи гом... – Ма кæут, мæ хуртæ, – Дзуры цæм сæ мад, – Афыцой хъæдуртæ... Абадут æнцад!.. ▬▬▬▬▬▬▬▬▬▬ Митæйдзаг æхсæлы Мары фæздæгæй... Цæстысыг ызгъæлы Агмæ сусæгæй... Хъуырмæ схæддзæ хъарæг: “Дудгæ фæбада Зæйы бын нæ дарæг, Мах чи фæсайдта!.. Буц хъæбул дæм дзуры, – Сфæлмæцыд йæ мад, – Махæн дæр дæ цуры Сцæттæ кæ бынат!” Припев: ▬▬▬▬▬▬▬▬▬▬ Артдзæсты кæрæтты, Фæныкмæ æнгом Бадынц сывæллæттæ, – Чи бæгънæг, чи гом... – Ма кæут, мæ хуртæ, – Дзуры цæм сæ мад, – Афыцой хъæдуртæ... Абадут æнцад!.. ▬▬▬▬▬▬▬▬▬▬ Бафæллад кæуынæй Бинонты кæстæр, – Къонайыл æрфынæй Адæмы хуыздæр! – О. гытци кæд уыдзæн? Райс–ма, цæй, дæ аг!.. – Абадут!.. Фæуыдзæн Алкæй дæр йæ фаг... Аг кæлы йæ былтæй, – “Хъæдуртæ” фыцынц... Алы ран тымбылтæй Сидзæртæ хуыссынц...