Æз кæй уарзын (исполнитель: Инна Гучмазова)
слова Нелли Гогичаевой «Æз кæй уарзын, уый кæм вæййы?» — 'Хсæвыгон фæфæрсын мæйы... Боныгон фæрсын æз хуры — Уый дæр та мын æй нæ дзуры. Æз кæй уарзын, уый нæ зоны, Мæн йæ мастæй мæт кæй тоны. Æз кæй уарзын, уый нæ зыны — Фенын æй æрмæст мæ фыны. Мæйы сыкъа зилы зулмæ, Уый мæ мæт нæ дары мурмæ. Уый нæ уарзы, уый нæ кæуы, Искæй уарзтæй йæ цы хъæуы?.. Æз кæй уарзын, уый куы ссарин — Уарзты цинæй уæд фæзарин. «Рох мæ дæ» зæгъин ын худгæ, Зæрдæ та фæкæнид дудгæ...