Керчы бæстæ (исполнитель: Алан Козаев)
Уæ, дзæгъæйлаг Керчы бæстæ, Мæ тæригъæдæй басудзай. {Мæ мад мæм нæхимæ Æнхъæлмæ кæсы, Ды та мыл сыджыт ныккалдтай.} x2 Атæх, атæх, ды, зæрватыкк, Хæхтæн, быдыртæн сæ сæртыл. {Фехъуысын кæн Мæ мад, мæ фыдæн Се ’намонд фырты хабæрттæ.} x2 Мауал æм æнхъæлмæ кæсут – Нал æрыздæхдзæни уæ фырт: {Знаджы тæвд нæмыгæй Карз тохы фæмард, Керчы былыл та ныгæд и…} x2 Слова и музыка народные «Музыкальная культура осетин» © 2012 [bad word] ossmus ¯¯\/¯¯¯¯¯¯¯¯¯ ☻/ /▌ / \