Хъуыбады (исполнитель: Владимир Баллаев)
Сæрдæй, зымæгæй, Гуыбыр, тызмæгæй, Йæ кæрцы мидæг, Ныхасы бады Зæронд Хъуыбады, Нæ фæндырдзæгъдæг… Кæйдæр дзæгъæлзад, Лæппуйæ баззад Йæ сау бындурыл… Кæдæм-иу бафтыд, Уым-иу фæкафыд Кæрдзыны мурыл… Бæгънæг, бæгъæввад, Ыстонг, уысмæн над Хуыцауы рæстæй! Цъыфæй ныррæсыд, – Хæфсытæ уасыд Йæ къахы скъуыдтæй… Бын бауай, иунæг, Дзыллæтæй иу лæг Кæй нæ рæвдыдта! Фæсмон фæкæна, Мæрдты дзыназа, Дæу чи ныййардта!.. Дæу урс æхсырæй, Дæу худгæ-хурæй Чи нæ бафсæста! Дæу цардуалдзæджы Йæ хъарм хъæбысы Чи нæ ауызта! Фиййау куы уыди, Уæд-иу хуыссыди Тæдзгæ-ыскъæты; Мит-иу куы уарыд, Уæд-иу ныззарыд Къæдзæх лæгæты… Уæд фос куыд уарзта? – Фæсал сын ласта Йæ салд æрчъийæ!.. Йæ зард нæ уагъта, – Фæндыр ыскъахта Бæрзбызычъийæ… Бæрзонд урс хæхтæ, Æнкъард къæдзæхтæ, Æгомыг бæлас Фиййауы уарзынц Æмæ йын зарынц Сæ сусæг ныхас. Слова Коста Хетагурова, музыка народная «Музыкальная культура осетин» © 2012 [bad word] ossmus ¯¯\/¯¯¯¯¯¯¯¯¯ ☻/ /▌ / \