Хъуыбады (исполнитель: Государственный ансамбль песни)
Слова Коста Хетагурова музыка народная Сæрдæй, зымæгæй, Гуыбыр, тызмæгæй, Йæ кæрцы мидæг, Ныхасы бады Зæронд Хъуыбады, Нæ фæндырдзæгъдæг… Кæйдæр дзæгъæлзад, Лæппуйæ баззад Йæ сау бындурыл… Кæдæм-иу бафтыд, Уым-иу фæкафыд Кæрдзыны мурыл… Бæгънæг, бæгъæввад, Ыстонг, уысмæн над Хуыцауы рæстæй! Цъыфæй ныррæсыд, – Хæфсытæ уасыд Йæ къахы скъуыдтæй… Сæрдæй, зымæгæй, Гуыбыр, тызмæгæй, Йæ кæрцы мидæг, Ныхасы бады Зæронд Хъуыбады, Нæ фæндырдзæгъдæг… Уæд фос куыд уарзта? – Фæсал сын ласта Йæ салд æрчъийæ!.. Йæ зард нæ уагъта, – Фæндыр ыскъахта Бæрзбызычъийæ… Бын бауай, иунæг, Дзыллæтæй иу лæг Кæй нæ рæвдыдта! Фæсмон фæкæна, Мæрдты дзыназа, Дæу чи ныййардта!..