Сатана æмæ Борæты чызг (исполнитель: 2-02)
САТАНА ÆМÆ БОРÆТЫ ЧЫЗГ Сатана райста йæ зæронд хуыз. Уырызмæгмæ бацыди æмæ йын зæгъы: — Мæнæй дын бинонтæ нал ис, фæлæ дæхицæн мæ удæгасæй бинонты кой бакæн. Уæд ын Уырызмæг загъта: — Сатана, цалынмæ мын дæ цæст æрттива, уалынмæ мæнæн бинонтæ 'рхæссæн нæй. Уæд та йæм дыккаг хатт дзуры Сатана, лæгъстæгæнæгау: — Уырызмæг! мæнæй дын пайда нал ис, æмæ 'ртæ Нарты 'хсæн фесæфдзынæ. Цалынмæ дын мæ цæст æрттивы, уалынмæ дæхицæн бинонты кой бакæн. Уырызмæг куы бакастис усы уынгæгдзинадмæ, уæд йæ бæх — Æрфæны — сифтыгъта æмæ далæ Дæлæсыхы Борæтæм ныццыдис. Борæты Бурæфæрныгæн авд лæппуйы æмæ иунæг чызг уыд. Уырызмæджы куы федта Бурæфæрныг, уæд ыл бацин кодта: — Уырызмæг, дæ фенд мын æхсызгон уыдис. Рагæй фæстæмæ бæллын дæ уындмæ. Цы хур, цы къæвда дæ 'рхаста? Уырызмæг ын загъта: — Уынгæг лæг кæдæм нæ бахаудзæн! Сатана мын ныззæронд ис, ницыуал хъом у, æмæ уæм фехъуыстон чызг куринаг. Уырызмæгыл йæхи чи атигъ кодтаид! Бафидыдта Борæтимæ. фæстæмæ ссыд. Нарты бæгуырдæрты амбырд кодта æмæ сæ акодта чындзхæссæп Хæмыц — хистæр уазæг (хæдзары хицау), Сослан — нымæттухæг (дзауматухæг), Батрадз — къухылхæцæг. Ныццыдысты Борæтæм. Борæтæ сæ фæхынцтой иннабонæй-иннабонмæ. Уый фæстæ рараст сты Нарты чындзхæсджытæ сæхимæ. Уырызмæг фервиты Æртæ Нартмæ хонæг. Æрæмбырд вæййынц Нарт æмæ иннабонæй-иннабонмæ фæминас кæнынц Уырызмæджы чындзæхсæвы. Гъа ныр чындзæхсæвы адæм ацыдысты, æмæ Уырызмæг Борæты чызджимæ æмуат цæудзæн, зæгъгæ, афтæ та Сатана райста йæ чызггон хуыз. Уырызмæг æй куы федта, уæд Борæты чызгмæ æмгæрон дæр нал æрцыд. Нартыл айхъуысти уыцы хъуыддаг. Æмæ та æрцыди Нарты Ныхасы Уырызмæджы кой. Уæд иу фæсмæргомау лæппу зæгъы Ныхасы адæмæн: — Æз ахæсдзынæн ме 'хсæв Уырызмæджы хæдзармæ æмæ уын райсоммæ йæ бæрæг хæсдзынæн. Араст ис лæппу æмæ ныццыди Уырызмæгтæм æмæ сæм æхсæвиуат æркодта. Уырызмæг ын аргæвста бурæ нæл фыс. Хорз æй федта. Кæдмæ бадтысты, уæдмæ фæбадтысты, фæныхас кодтой; стæй лæппуйæн бауат кодтой хæдзарæн йæ иу къуымы, Борæты чызгæн — йе 'ннæ къуымы. Сатана æмæ Уырызмæг та се 'ргъæу уатмæ афардæг сты. Лæппу чысыл куы афынæй ис, уæд Борæты чызг сыстад æмæ бацыд æмæ йын йæ хъæццулыл рахæцыд. Лæппу йæ базыдта æмæ йæм дзуры: — Гъæцитт! кæй дæ, уый дæ ма байрайæд, хуыссын мæ ныууадз! Чызг фæстæмæ раздæхтис хъуырхъуыр гæнгæ. Чысыл афæстиат ис, стæй та бацыд лæппумæ æмæ та йын рахæцыд йæ хъæццулыл. Æмæ та йæм лæппу дзуры: — Кæй дæ, уый дæ ма байрайæд, хуыссы