Барæвдау мæ уд, фæндыр (исполнитель: ВИА «Бонвæрнон» (сол. Вадим Харебов))
Хохрæбынæй комы ’рдæм дымгæ мит хæссы, Атухы йæ нымæты, рæвдауы. Дард фæндагыл иунæг уд тухæнтæ кæны, Леуахи йæ уылæнты фæйлауы. Ехх, куыд рæсугъд дæ, чызгай, тагъддæр мæм фæзын, Макæмæ фæлидз мæнæй тæргайæ. Рухсы ’рдæм нæртон лæгау алы бон кæсын, Иры фæз мын ’гас дуне рæвдауы. Базард: Барæвдау, ехх, мæ уд, фæндыр! Æз дæ фæдыл атæхин Хуыцаумæ. Барæвдау хох æмæ быдыр! Ард хæрын, кæй уæ уарзын æз рагæй. Зарæг, айхъуыс алырдæм, алкæй уды ’рцар, Уыцы сау рæсугъды зæрдæ сагай. Æмæ хохæй быдырмæ ацы сырх изæр, Алкæуылдæр уарзондзинад байтау. Хохрæбынæй комы ’рдæм тар дымгæ тæхы, Атæхы, йæ нымæты рæвдауы. Комæй коммæ иунæг уд хуссармæ тæхы, Леуахи йæ уылæнты фæйлауы. {Базард.} x2 «Музыкальная культура осетин» © 2012 [bad word] ossmus ¯¯\/¯¯¯¯¯¯¯¯¯ ☻/ /▌ / \