Цæмæй дæ уарзон (исполнитель: Залина Дзахоева)
Цæмæй дæ уарзон, гъе-уый тыххæй у æцæг мæ уарзон. Цæмæй дæ уарзон, гъе-уый тыххæй у уæздан, фæразон. Уазæгæн хорз фынг æрцæттæ кæнын — дæуæн дæ бар у. Уалдзæджы бакуыст, фæззæджы бæркад — мæ хæс, мæ бар у. Цæмæй дæ уарзон, гъе-уый тыххæй, зон, æз дæн Цæрæзон. Дæ номыл дугъы дæу рамбулынмæ уыдтæн сæ разон. Цæмæй дæ уарзон, уый тыххæй дын уæд тæхудиаг уд Æмæ ма йемæ фæлмæн цæстæнгас. Æмæ ма гъе-уæд нæ фехъусдзынæ æфхæрæн ныхас... Æмæ уæд афтæ нæ уарзондзинад йæхи æвдисдзæн. Фараст лæппуйы, фæстаг нын иу чызг дæ зынтæ исдзæн. Цæмæй дæ уарзон æхсæвæй-бонæй, сæрдæй-зымæгæй, Уый тыххæй ма кæс мæ сонт рæдыдмæ бынтон тызмæгæй. Æмæ нæм гъе-уæд æппæт адæм та хæлæг кæндзысты. Нæ кады нæмттæ, нæ фарн, нæ амонд нæ фесæфдзысты... Гъе-уый бæрц хæстæ æххæст кæнынмæ дæуæн зын ысты. Дæ фæлмæн къухтæ, дæ урс уæхсчытыл нæ бацæудзысты. Æмæ сын се 'мбис, сæ фылдæр æмбис мæхимæ исын. Нæ Мады Майрæм, нæхи Лæгты дзуар нын уæнт æвдисæн... «Музыкальная культура осетин» © 2012 [bad word] ossmus ¯¯\/¯¯¯¯¯¯¯¯¯ ☻/ /▌ / \