А-лол-лай (исполнитель: Сослан Кулумбеков)
Коста Хетагуров А-ЛОЛ-ЛАЙ Къух дæ ауызын фæразы... Мæй дæ авдæнимæ хъазы. Стыр лæг мын ысуай!.. А-лол-лай!.. Ракæндзынæн дын мæ зарæг... Искуы кæд ысуис мæ дарæг, Урс уæрыкк дын уон!.. О, мæ бон!.. Зындонæй фыддæр нæ цæрæн... Нал у ныр дæ фыд йæ сæрæн Сау хæххон куыстæй... Ахуысс, цæй!.. Искуы мын куы схъомыл уаис, Уæд ды дæр дзы цух нæ заис, Бирæ мын цæрай!.. А-лол-лай!.. Скæнис хъугдзармæй æрчъитæ, Къахис митбынæй мæхъитæ, Стонг æмæ сыдæй... Ахуысс, цæй!.. Сугтæ мын хæссис æргъомæй... Бадзурин дæм уæд æргомæй: Мады зæрдæ зон, О, мæ бон!.. Бадзурин дæм: уарз нæ бæстæ, Ма сæ суæлдай кæ нæ фæстæ, Ма сæ бафæллай!.. А-лол-лай!.. А-ЛОЛ-ЛАЙ (Перевод Семёна Олендера) Мать легко тебя качает... Лунный луч с тобой играет. Ты расти, мужай... А-лол-лай!.. Подрастешь, сыночек, скоро, Станешь ты моей опорой. Я живу тобой, Милый мой! Наша жизнь страшней могилы. Только черный труд постыли» Знает твой отец... Спи, птенец! А когда ты возмужаешь, Тоже тяжкий труд узнаешь... Крепким вырастай! А-лол-лай!.. Будешь ты, надев арчита, Отгребать под снегом скрытый Сена мерзлый клок. Спи, сынок! Мне зимою спозаранку Принесешь ты дров вязанку . Я тебе, мой свет, Дам завет: Как помру – не вздумай в горе Ты покинуть наши горы. Ты люби свой край, А-лол-лай!..