Уастырджийы зарæг (исполнитель: Бибо Ватаев)
«Уастырджийы зарæг» (слова и музыка народные) Гъе-гъой! Хетæджы тæхгæ-нæргæ Сызгъæрин Уастырджи! О - о - о! Табу дæхицæн! Гъе-гъой! Дæумæ кувæм, Уастырджи, дæуæй курæм, Сызгъæрин Уастырджи! Гъе-гъой! Байрагæй бæхгæнæг, лæппуйæ лæггæнæг Уастырджи! О - о - о! Табу дæхицæн! Гъе-гъой! Нæ кæстæртæ дe уазæг, Уастырджи, Табу дæхицæн, Сызгъæрин Уастырджи! Гъе-гъой! Бæрзондыл бадæг, урсбоцъо Уастырджи! О - о - о! Табу дæхицæн! Гъе-гъой! Нæ бæлццæттæ де уазæг, Уастырджи, нæ Ирыстон дæ фæдзæхст, Сызгъæрин Уастырджи!