Хуссар Ирыстоны гимн (исполнитель: Мариинский театр)
КАДЫ ЗАРӔГ (Республикӕ Хуссар Ирыстоны Паддзахадон Гимн) Уарзон Ирыстон! Дӕ номы кадӕн Лӕууӕм цырагъау мах уырдыг, Ды дӕ нӕ уарзты ӕнусон авдӕн, Ды – нӕ цин ӕмӕ хъыг! Фӕхӕрӕм мах дӕ зӕххӕй ард, Дӕ ном дын исӕм бӕрзонд, Удуӕлдай дын кӕнӕм лӕггад, Дӕуӕн у нӕ цард нывонд! Уӕ, Стыр Хуыцау! Дӕ хорзӕх, Дӕ арфӕ – Иры Уӕзӕгӕн Ды цардамонд ратт! Уӕззау уыд дӕ ивгъуыд, Иры бӕстӕ,- Зылди дӕ фӕдыл сау фыдох, Фӕлӕ-иу уӕддӕр дӕ фарны рӕстӕй Кодтой дӕ зынтӕ рох. Царды рухсмӕ ӕдзух цыдтӕ, Фыдбонты нӕ саст дӕ ныфс, Сӕрбӕрзонд алкӕддӕр уыдтӕ, Ӕргомӕй размӕ цӕуыс! Уӕ, Уастырджи! Дӕ хорзӕх, Дӕ арфӕ – Иры дзыллӕйӕн фӕндагамонд ратт! Фыдӕлты ӕрдхӕрӕн, Иры Уӕзӕг! Зӕрдӕйы тӕгтӕй дӕ нывӕзт, Ацы дунейы нын масты уӕзӕй Ма у дих ӕмӕ уӕрст, Дугӕй дугмӕ нӕрӕд дӕ ном, Бӕрзонддӕр кӕнӕд дӕ кад, Дӕ ныфсӕй мах цӕрӕм ӕнгом, Дӕ фӕрцы рухс у нӕ цард! Уӕ, Бӕсты Фарн! Дӕ хорзӕх, Дӕ арфӕ – Нӕ уарзон Ирӕн Ды иу амонд ратт! Ном ӕмӕ йын кад!