О, уыцы дыууæ сау цæсты (исполнитель: Станислав Гаглоев осетинские)

О, уыцы дыууæ сау цæсты,
Мæ тæригъæдæй бастъæлат!
Цæмæн бахаудтæн у’ ахæсты,
Цæмæн базыдтон уарзты ад?

Уæ иу фæкастæй атайын,
Хуссары митау, хуссары.
Бæргæ уæ рохыл архайын,
Фæлæ уыйбæрц тых чи ссары!

Мидбыл худгæ мыл атыхсут
Хъызтзымæджы дæр, уалдзæгау.
Зæрдæйы фатау аныхсут
Æмæ фæвæййын уадзыгау.

Мауал мæм кæсут, ма кæнут,
Мауал мæ судзут алы бон!
Уæд та мæ иу сыгъд бакæнут
Æмæ уæ искуы фервæзон! 

Слова Георгия Дзугаева, музыка Феликса Алборова 

«Музыкальная культура осетин» © 2011
 [bad word] ossmus
¯¯\/¯¯¯¯¯¯¯¯¯
☻/
/▌
/ \
Послушать/Cкачать эту песню
Mp3 320kbps на стороннем сайте

Открытка с текстом :
Удобно отправить или распечатать
Создать открытку
У нас недавно искали песни:
Kyouki no Hana Kato Kazuki as Kikyo  Laz на улицах  Исповедь вампира киш  Про ребёнка  Mshecu zavak  KO - Vanya  Kempel- just do it  Песня русалки Пираты Карибского Моря 
О чем песня
Станислав Гаглоев осетинские - О, уыцы дыууæ сау цæсты?
2020 © Tekstovoi.Ru Тексты песен