Цолайы Зарæг (исполнитель: Ким Суанов)

Баурнæд уæ, хорз чызджытæ, 
Гоби дæн, къуырма дæн, 
Уымæн æмæ абоны уæнг бинонджын нæма дæн. 

Цæй цы худут, чызджытæ, 
Саутæ, буртæ, мыдхуызтæ, 
Иууылдæр дзæбæх ‘стут
Стъалытау зæххы стæн. 

Чи ‘рцæудзæн мæ талынг уатмæ, 
Чи йæ срухс кæндзæни? 
Къулсæрæй цымæ мæ номыл
Цавæр чызг лæудзæни?

Цæй цы худут, чызджытæ, 
Саутæ, буртæ, мыдхуызтæ, 
Иууылдæр дзæбæх ‘стут
Стъалытау зæххы стæн. 

Хызы бынмæ сылгоймæгтæ
Уæд кæмæ кæсдзысты? 
Чындзытæ фыдынд у, зæгъгæ, 
Уæд кæмæй зæгъдзысты? 

Цæй цы худут, чызджытæ, 
Саутæ, буртæ, мыдхуызтæ, 
Иууылдæр дзæбæх ‘стут
Стъалытау зæххы стæн. 

Боны цъæхæй сау изæрмæ
Хуры тынтæ ахсын
Хуры тынтæй чындзы ног уат
Аив кæнын ахсæв.

Цæй цы худут, чызджытæ, 
Саутæ, буртæ, мыдхуызтæ, 
Иууылдæр дзæбæх ‘стут
Стъалытау зæххы стæн.
Послушать/Cкачать эту песню
Mp3 320kbps на стороннем сайте

Открытка с текстом :
Удобно отправить или распечатать
Создать открытку
У нас недавно искали песни:
Nas Purple  Меняли дни  Lumen и  ВОР ТОЛ  Nas Doo Rags  Nas My Way  Nas U Gotta Love It 
О чем песня
Ким Суанов - Цолайы Зарæг?
2020 © Tekstovoi.Ru Тексты песен