Зæронд фæндырдзæгъдæг (ныхæстæ — Чеджемты Æхсар) (исполнитель: Сланты Къоста)

ЗÆРОНД ФÆНДЫРДЗÆГЪДÆГ
(Ныхæсты автор — Чеджемты Æхсар)
Дард фæндæгтæ... Нал мæ хъæуынц, —
Иххост цыл ныддæн.
Мин фæндаджы цардмæ цæуынц,
Иу фæндаг — мæрдтæм.
Дун-дунетыл цас фæхаттæн,
Мемæ уыд фæндыр.
Иу бон-иу сæндæтты бадтæн,
Иннæ бон — мæгуыр.
Чызджытæн? Куыннæ ма цагътон,
Фæлæ амонд нæй.
— Фембæлæм, — кæмæн-иу загътон,
Уый мыл худт хъæрæй.
Лæппутæ та — сау уаритæ —
Симдтой-иу æмæ
Хъазгæмхасæн сау суаритæ
Баппæрстой мæнмæ.
Бауарзтон æхцайы зæлланг
Амонды хуызæн.
Хъазты-иу мæ уæнгты фæллад
Давдæй фæци сæн.
Дард рæтты, Хуыцауæй разы,
Арфæйаг фæдæн.
Балцвæндæгтæ адæм уарзын
Сахуыр кодтой мæн.

Хорзæй иртасын æвзæры, —
Уыйбæрц дæр мæ фæрс.
Чи цæмæй, куыдтæтæ цæры,
Хорз базыдтон æз.
Иутæм нæй æфсæрмы хъæстæ,
Фæлæ ссардтой уарт:
Аразгæ бæрзонд ныхæстæй
Амайынц сæ цард.
Давынц дыккæгтæ æууæнкæй,
Се ’цæг ном — æмбæхст.
Хурæнгæс чызджыты зæнгтæй
Нал фæисынц цæст.
Иннæтæ сæ сæртæг хъæртæй
Амайынц æгъдау.
Урс бæргæ систы сæ сæртæ,
Зæрдæтæ та — сау.
Цыппæрæм нæ лæууы дзыхъхъы,
Хахуыртæ фыссы.
Чи уæлдæр хицауы дзыппы
’Хцайы бардз тъыссы.
Фæлæ цасфæнды уæнт уыдон,
Хорз лæгтæ — фылдæр.
Растдзинад æмæ фыдæбон
Равзарынц уæддæр.
Зæхх — сæ Хуыцау, æмæ курынц,
Агурынц дзы сой.
Хоры зад хуымтæ цæм худынц,
Хоры хуым — фæллой.
«Чи цас федта, уыйбæрц зоны», —
Загъта-иу фыдæл.
Нал уыд Ир йæ дард бæлццонæн
Сæмбæлын æнхъæл.

Ракæсут-ма, урссæр хæхтæ,
Нал мæ зонут, ау?!
О мæ фæндыр, цины зæлтæ
Иры зæххыл тау!
Дард фæндæгтæ... Нал мæ хъæуынц, —
Иххост цыл ныддæн.
Мин фæндаджы цардмæ цæуынц,
Иу фæндаг — мæрдтæм.
Послушать/Cкачать эту песню
Mp3 320kbps на стороннем сайте

Открытка с текстом :
Удобно отправить или распечатать
Создать открытку
У нас недавно искали песни:
Rancid Animosity  Chicane Sunstroke  Забивай  Cat Power The Moon  Время и стекло скачать  Cat Power Willie  Cat Power Good Woman 
О чем песня
Сланты Къоста - Зæронд фæндырдзæгъдæг (ныхæстæ — Чеджемты Æхсар)?
2020 © Tekstovoi.Ru Тексты песен