Æфтуйуй мæнæн мæ зæрди (исполнитель: Ирина Хидирова))
Группа «Лескен» (сол. Ирина Хидирова) «Æфтуйуй мæнæн мæ зæрди» Сурх мæйи дзалх цæфсуй бæрзонди, Æхемæй есуй Ирæф. Ци гъæуй цума мæ уоди, Цæбæл æй цума ме ’нæфт. Æфтуйуй мæнæн мæ зæрди, Мæ рæсугъд уарзон æдзох. Æ сагъæсæй адгин сарди Мæ хуссæг кæнун иронх. Базард: Дæу хæццæ ’й мæнæн мæ сагъæс, Дæубæл æй мæнæн ме ’рхун. Фал тæходуй мин ку ’ссаидæ Мæ зæрди уарзт радзæгъун. Рацагъд. Дæ цæстингас мæн ардæмæ Хаттæй хаттмæ ку фæууй. Хори тунау нæ зæнхæмæ Мæнбæл рохс æрбакæлуй. Ци зæрдесгæ дæ бакастæй Куд рæсугъд дæ, куд хуæрзконд. Бауарзтон дæ зæрдтаг уарзтæй, Ехх, ку уаисæ мæн амонд… Мæ зæрди лæууис æноси, Мæ реуи содзуй цъæх арт. Цума фестисæ фалдзоси Де ’нури нæ тæвдта мæ цард. Базард. Ци гъæуй цума мæ уоди, Цæбæл æй цума ме ’нæфт.