Авд азы уарзон (Мыртазты Барисы ныхæстæ) (исполнитель: Суанты Федыр)

АВД АЗЫ УАРЗОН
(Мыртазты Барисы ныхæстæ)
Авд азы уарзон кæмæн нæ уыди,
Уый нæ бамбардзæн мæнæн мæ сагъæс.
Мæ зæрдæ та дæм нæ фæлæууыди...
Уæ дуарæй ма мæм стъалыйау ракæс.

Дзæбæх дын фенон дæ фæлмæн бахудт,
Дæ урс дæллагхъуыр, дæ хæрзаив гуыр,
Уæдæ æнæ дæу бон дæр цы даргъ у!
Цæмæн у демæ бон афтæ цыбыр?

Иухатт мын хъазты фæндон куы радтай,
Нæ хæлæрттæ мæ тæхудиаг хонынц,
Дзурынц: «Æгайтма амонд ыссардтай».
Нæ хистæртæ та чындзæхсæв домынц...

Авд азы уарзон кæмæн нæ уыди,
Уый нæ бамбардзæн мæнæн мæ сагъæс.
Мæ зæрдæ та дæм нæ фæлæууыди...
Уæ дуарæй ма мæм стъалыйау ракæс.
(1953 аз)
Послушать/Cкачать эту песню
Mp3 320kbps на стороннем сайте

Открытка с текстом :
Удобно отправить или распечатать
Создать открытку
У нас недавно искали песни:
Салауат  Loc-Dog - Так Чисто  Новый год 30 декабря танцуем  Fairy Tail ending 6  Бэйрэм буген  Дядя боря парамела  Жечь электричество Метро 2033 OST Noize MC  Ms zali 
О чем песня
Суанты Федыр - Авд азы уарзон (Мыртазты Барисы ныхæстæ)?
2020 © Tekstovoi.Ru Тексты песен