Чызгæн (исполнитель: Алан Царикаев)
Алан Царикаев Хохы бæстыл мит æртайы, Уалдзæг 'рхаста цин. Мæ зæрдæ дæумæ æхсайы, О, мæ буц æхсин! Хуры рухсæй зæрдæ райы, — Райдзаст хъæлдзæг бон. Мæ цæстытыл, чызгай, уайыс. Кæм дæ агурон? Ауыдтон дæ дардмæ, чызгай, — Бавзæрд та мæ уынд. Сомы кæнын Терчы донæй — Уымæн фын нæ уыд. Рагæй Иры кадджын уыди Даргъ дзыкку чызгæн. Нарæг астæу, сау æрфгуыты Уацары фæдæн. Дæ цæстытæ арвы дуарау Байгом сты мæнæн. Федтон сæ, мæ амонд, — хурау Бахудтæ фæлмæн. Сау æрфыг, дæ мидбыл худты Царды цин уыдтон. Ма мын бауадз ме 'взонг хъуыды — Басудзын бынтон. Баууæнд мыл: мæ уды хъармæй Батавдзынæн дæу. Дзаг уыдзæн нæ хæдзар фарнæй, Ды куы бауай мæн. Ехх, фæзын мæм Бонвæрнонау, О, мæ хуры хай. Амондæй рæвдыд уæд вæййын, О, рæсугъд чызгай.