Уары мит (исполнитель: Василий Кудухты)
Уары мит, мæ кæрты уары
Уазал дымгæ уæнгтыл къары
Зæрдæ сусæг уарзтыл зары
Уд хъæрæй йæхи фæмары
Базард:
{Басыгътай чызгай мæ зæрдæ
Ды мæнæй фæлыгъттæ дардмæ
Æз дæумæ кæсын æнхъæлмæ
Цæй фæзын, фæзын мæ зардмæ} 2 раза
Рæстæг ивгæ, ивгæ уайы
Цæстытыл мæ ивгъуыд уайы
Хъарм цæссыгæй мигъ фæтайы
Зæрдæ мæ дæ уарзтыл райы
Базард:
{Басыгътай чызгай мæ зæрдæ
Ды мæнæй фæлыгъттæ дардмæ
Æз дæумæ кæсын æнхъæлмæ
Цæй фæзын, фæзын мæ зардмæ} 2 раза
Уары мит, мæ кæрты уары
Уазал дымгæ уæнгтыл къары
Зæрдæ сусæг уарзтыл зары
Уд хъæрæй йæхи фæмары
Базард:
{Басыгътай чызгай мæ зæрдæ Ды мæнæй фæлыгъттæ
Æз дæумæ кæсын æнхъæлмæ
Цæй фæзын, фæзын мæ зардмæ} 2 раза