«Зæрдæйы дидинæг» («Дзерассæ...»). Цæгæраты Гигойы ныхæстæ (исполнитель: Медойты Светланæ)

ЗӔРДӔЙЫ ДИДИНӔГ
Дзерассӕ... О мӕ чызг Дзерассӕ,
Мӕ тугдадзин дӕ, ды мӕ бӕлон дӕ.
Ысты дын ме ’нгуылдзтӕ сӕрвасӕн,
Ды дӕттыс мӕ удӕн цӕрӕнбонтӕ,

Мӕ тых ӕмӕ мӕ ныфсдæттӕг — Дзерассӕ.
Мӕ зын ӕмӕ мӕ рыстсӕттӕг — Дзерассӕ.
Мӕ хорз фӕндтӕн сӕ фидиуӕг,
Мӕ зӕрдӕйӕн йӕ дидинӕг.

Дзерассӕ... О мӕ чызг Дзерассӕ,
Фӕнды мӕ, фарнимӕ куыд рӕзай.
Куыд тавай дунейы дӕ кастӕй,
Нӕ зӕххӕн амӕндтӕ куыд хӕссай.

Дзерассӕ... О мӕ чызг Дзерассӕ,
Цӕуыс мӕ конд фӕндагыл абон.
Мӕн халдих бакодтай ӕнгасӕй,
Ӕмӕ йӕ ахӕссын дӕр базон.

Дзерассӕ... О мӕ чызг Дзерассӕ,
Фӕнды мӕ, зарджытӕ куыд уарай.
Дӕ рухс ӕмӕ æхсидгӕ уарзтӕй
Цырӕгътӕ адӕмӕн куыд дарай.
Послушать/Cкачать эту песню
Mp3 320kbps на стороннем сайте

Открытка с текстом :
Удобно отправить или распечатать
Создать открытку
У нас недавно искали песни:
Derniere danse cover  Formiga The Notwist  Wienuss Mouse on Mars  Литерал BATTLEFIELD  Qaraqan adem ve hevva  SPOOF NICKI MINAJ -  Дай мне слово ведь я тамада  Ht hayko tox grkem 
О чем песня
Медойты Светланæ - «Зæрдæйы дидинæг» («Дзерассæ...»). Цæгæраты Гигойы ныхæстæ?
2020 © Tekstovoi.Ru Тексты песен