Дзеранты Лаврентийы зарæг (исполнитель: Камерный хор «Арион»)
Гуры жандармтæ куы рацæуынц — Зилынц кæмтты цъалаты. Гъей, гъей, гъей, мæ дуне, Уæд зилынц кæмтты цъалаты. Лаврент сæм рагъæй афтæ дзуры: «Ме ’рдæм-ма рацæут фалæты». Гъей, гъей, гъей, мæ дуне, «Ме ’рдæм-ма рацæут фалæты». Тыбылы-фырт æм афтæ дзуры: «Æз абон мæ туг райсдзынæн». Гъей, гъей, гъей, мæ дуне, «Æз абон мæ туг райсдзынæн». Дзераны-фырт æм афтæ дзуры: «Ды мурдæр ницы райсдзынæ». Гъей, гъей, гъей, мæ дуне, «Ды мурдæр ницы райсдзынæ». Тыбылы-фырт æй уæд куы фехста, Йæ иу фæрсты ацыди. Гъей, гъей, гъей, мæ дуне, Йæ иу фæрсты ацыди. Дзераны-фырт æй рагъæй рыхста, Йæ рахиз цонг ныппырх и. Гъей, гъей, гъей, мæ дуне, Йæ рахиз цонг ныппырх и. Жандармтæ Тыбылы-фыртыл фесты, Лавренти та — тар хъæдмæ. Гъæйтт-мардзæ, ирон сахъ лæппу, Дзераны-фырт Лавренти! «Музыкальная культура осетин» © 2011 [bad word] ossmus ¯¯\/¯¯¯¯¯¯¯¯¯ ☻/ /▌ / \