Дидинæг (исполнитель: Народный хор Южной Алании "Ирæттæ)
Хор «Ирæттæ размæ» «Дидинæг» Слова и музыка народные Хуры тынтæм райхалдтæ, Дидинæг йæ сыфтæртæ. Бахудтис йæ мидбылты, Барухсис йæ рухс зæрдæ. {Фæлæ хур куы бамбæхстис, Хæхты фæстæ ’рхæндæгæй. Дидинæг фæзæрдæхæлд, Фемæхстысты цæссыгтæ.} x2 Мæйы тынтæ сусæгæй Ратæхынц чыртæ-чыртæй. Дидинæгыл атыхсынц, Узæлынц ыл фырбуцæй. {Фæлæ йæ нæ бандавынц, Зæрдæ сæ нæ барайы. Æхсæвбонмæ фырмæтæй Бирæ цæссыг фезгъалынц.} x2 Фæлæ хур саумæрайсом Хæхты сæр куы фæзыны. Бæстæ фесты хуры тын, Райынц кæмттæ æвæлмастæй. {Дидинæг дæр бауигъы Фырцинæй йæ къабузтæ, Хуры тынтæ дойныйæ Аназынц йæ цæссыгтæ.} x2