Отсутствует (исполнитель: Неизвестен)
Ма мæ фæрс гыцци - низ мæ бахæцыд Нæй йын хос гæнæн, хуыссæг нал хæцы. Нæ зыдтон гыцци цæй фыдрызоныл Лæппуйы уарзтæй зæрдæ куыд рисы. Риссы, риссы мæ зæрдæ Æнцой нал зоны, æдзух кæмæндæр дардмæ фефсæйын. Кæд ыл æмбæлон, мæ хъазт ракæнон Мæ ныфс нæ хæссын. Куыд æм фæлварон. Уарзт цы сфæлдыста, уый куыд нæ загъта Хорз цæмæн нæ ис уый цæмæн хъуыдис. Риссы, риссы мæ зæрдæ Æнцой нал зоны, æдзух кæмæндæр дардмæ фехсайын. Арвы кæрæтты æз куы фæзилин. Мæ йын тагъд рæстæг хос куы æссарин Мæ хуызæн цæмæй ма чи уал рисса Æмæ дзы дардмæ зæрдæ ма хъæрза Риссы, риссы мæ зæрдæ Æнцой нал зоны, æдзух кæмæндæр дардмæ фефсæйын.