Асин уалама (исполнитель: К\Ф"ФАРН"Джигкаев Ахсар)
«Асин» Слова Алихана Токаты, музыка Сауассы Уæлæмæ асиныл цæуæм, Уæлæмæ. Кæуæм, Куы ’ркæсæм асинæй дæлæмæ. Мæ хæлар, кæс! Ды ризыс… Хауыс! Дæхи уæлæмæ хæсс — Бынæй ды цы дауыс?! Нæ асин у бæрзонд, Фæцыд уæлæрвтæм. Хæссæд дæ, цæй, дæ монд Дæлдзæхæй æрвтæм. Ныр мах ыстъалыйыл лæууæм — Цæуæм мах хурмæ. Цæуæм, цæуæм, цæуæм… Уæ цурмæ. Хурмæ. Уæлæмæ, хурмæ… Дæхи уæлæмæ хæсс — Бынæй ды цы дауыс?! Нæ асин у бæрзонд, Фæцыд уæлæрвтæм. Хæссæд дæ, цæй, дæ монд Дæлдзæхæй æрвтæм.