Мӕ амонд (Кавказ радио 90.8фм ://guzei.com/kaaz-radio) (исполнитель: Зарина Джиджоева)

Калы та цӕхӕртӕ зӕрдӕ, цард та мӕм йӕ мидбыл худы,
Касттӕн амондмӕ ӕнхъӕлмӕ, ныр ӕрцардта ды мӕ уды.
Дидин калынма фӕрӕвдз ис, ныр мӕ цард - уалдзӕг мӕнӕн,
Зӕрдӕ уарзонмӕ фӕфӕдис, калы уарзтӕй рухс тӕмӕн.

Пр: 
Мӕ амонд - ӕз ӕрмӕст дӕу хонын, ничи мӕ хъӕуы ӕндӕр,
Зӕрдӕ фыр уарзтӕй фӕтоны, бонӕй бон кӕны фылдӕр.

Ӕз ӕнӕ дӕуӕй куыд цардтӕн, не 'мбарын уый абон дӕр,
Нӕй кӕрон мӕ сыгъдӕг уарзтӕн, ды йӕ хос мӕ амондӕн.
Къухыл хӕцгӕйӕ цӕудзыстӕм иумӕ мах нӕ фидӕнмӕ,
Уарзгӕ уарзгӕйӕ цӕрдзыстӕм, уарзт - мысайнаг амондӕн

Пр:
Мӕ амонд - ӕз ӕрмӕст дӕу хонын, ничи мӕ хъӕуы ӕндӕр,
Зӕрдӕ фыр уарзтӕй фӕтоны, бонӕй бон кӕны фылдӕр.

Калы та цӕхӕртӕ зӕрдӕ, цард та мӕм йӕ мидбыл худы,
Касттӕн амондмӕ ӕнхъӕлмӕ, ныр ӕрцардта ды мӕ уды.
Амонд дӕ цӕстыты федтон, ссардтон ӕй дӕ бахудты,
Дӕу, мӕ хур, ӕз арф нывӕрдтон, зон ӕй, зон, мӕ рухс уды.

Пр:
Мӕ амонд - ӕз ӕрмӕст дӕу хонын, ничи мӕ хъӕуы ӕндӕр,
Зӕрдӕ фыр уарзтӕй фӕтоны, бонӕй бон кӕны фылдӕр.
Послушать/Cкачать эту песню
Mp3 320kbps на стороннем сайте

Открытка с текстом :
Удобно отправить или распечатать
Создать открытку
У нас недавно искали песни:
SEVEN OOPS - LOVERS  Romeo y Julieta-Juntando estrellas  Sebastian Rose  All davai - Это любовь  Школьный Хип-Хоп Саша Спилберг  Тин сура  Mavi boncuk  Остывшие комнаты 2012 
О чем песня
Зарина Джиджоева - Мӕ амонд (Кавказ радио 90.8фм ://guzei.com/kaaz-radio)?
2020 © Tekstovoi.Ru Тексты песен