Цъайдон (исполнитель: Баллаев В.)
Сау хохæй сызгъæрин хур æркаст, Комы стынг Цъæйдоны хивæнд хъазт. Фесхъиуынц йæ уылæнтæ нæргæ, Цъæйдон – цъæйы комы зæрдæ. О, Цъæйдон, кæсын та дæм, кæсын, Демæ мæ æрфæндыди тæхын. Айсæфти мæ рыст уæнгты фæллад, Цæйдон, дæ базыртæ мын ратт. Амонд мæм Цъæйы коммæ æрцыд, Рухс аргъау – йæ конд æмæ йæ уынд. Хорз чызгыл сæрæн дзурæг хъæуы, Цъæйдон, мæ минæвар фæуы. Сау хохæй сызгъæрин хур æркаст, Уый хур нæу, уый у мæ судзгæ уарзт. Æмæ, цæй, мæ зарæджы хъæлæс, Цъæйдон, рæсугъд чызгмæ фæхæсс.