Цъайдон (исполнитель: Хурзарин)
Сау хохæй сызгъæрин хур æркаст, Комы стынг Цъæйдоны хивæнд хъазт. Фесхъиуынц йæ уылæнтæ нæргæ, Цъæйдон – цъæйы комы зæрдæ. (2 хатты) О, Цъæйдон, кæсын та дæм, кæсын, Демæ мæ æрфæндыди тæхын. Айсæфти мæ рыст уæнгты фæллад, Цæйдон, дæ базыртæ мын ратт. (2 хатты) Амонд мæм Цъæйы коммæ æрцыд, Рухс аргъау – йæ конд æмæ йæ уынд. Хорз чызгыл сæрæн дзурæг хъæуы, Цъæйдон, мæ минæвар фæуы. (2 хатты) Сау хохæй сызгъæрин хур æркаст, Уый хур нæу, уый у мæ судзгæ уарзт. Æмæ, цæй, мæ зарæджы хъæлæс, Цъæйдон, рæсугъд чызгмæ фæхæсс. (2 хатты